филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 31 января 2026
20 декабря 2025, 08:22
Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæтæ дарддæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куыст ссарыны фарстайы

Афтæ»Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды республикон филиалы æмархайдæй ныридæгæн куысты бынæттæй сæххæст кодтой сæрмагонд операцийы 18 ветераны

Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæтæ дарддæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куыст ссарыны фарстайы. Афтæ»Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды республикон филиалы æмархайдæй ныридæгæн куысты бынæттæй сæххæст кодтой сæрмагонд операцийы 18 ветераны. Уыдонæй 10-æн се нæниздзинад у хъыгдард. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уæрæсейы гвардийы артиллерион хæцæнгæрзты специалист Рашад Садыков бæстæйы æфсады рæнхъыты службæ кодта 20 азы. Сæрмагонд операцийы райдианæй æнæхъæн афæдз уыд фронты. Æфсадæй уæгъдгонд æрцыд йе *нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ. Ног дæсныйад ссарын ын баххуыс кодтой «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды филиалы.

Абон Рашад Садыков у Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрады техник-программист. Ног къабаз, ног хæстæ. Сæрмагонд операцийы ветеран куыд зæгъы, афтæмæй йыл коллектив æхсызгонæй сæмбæлд.

Цæгат Ирыстоны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды æмархайдæй ныридæгæн куысты бынæттæй сæххæст кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы 18 ветераны. Уыдонæй дæсæн се нæниздзинад у хъыгдард. Консультацитæ, ног ахуырад, куыстдæттæгимæ æмархайд – алкæмæндæр бакусынц сæрмагонд маршрутыл.

Гецаты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ис, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн куысты бынæттæ чи дæтты, ахæм стыр куыстуæттæ. Уæвгæ, «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды филиалы дæр кусы сæрмагонд операцийы 7 архайæджы.  Абон социалон координатортæ сæхæдæг æххуыс кæнынц хæстонтæн. Республикæйы арæзт æрцыд куысты бынæтты банк. Æдзух ноггонд цæуы.

Профилон ведомствæтæ дарддæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куыст ссарыны фарстайы. Æмæ æрмæст уый нæ. Афтæ «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды социалон координатортæ æххуыс кæнынц æрмæст медицинон æмæ социалон реабилитациимæ нæ, фæлæ ма юридикон æгъдауæй, цæрæнуæтты адаптацийы æмæ дæргъвæтин цæстдарды фарстайы. Алцыдæр, цæмæй алы хъахъхъæнæгæн дæр йæ бон уа æрвылбон царды йæ бынат ссарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania