Мадзал байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло
Хицауады хæдзары арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Бæллицты заз бæлас». Мадзал байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Заз бæласæй райста фондз хъазæны. Уый фæстæ уыцы бар радта иннæ бæрнон кусджытæн. Сывæллæтты бæллицтæм æркæсгæйæ, рабæрæг кæй сæ фæнды Мæскуымæ, Санкт-Петербургмæ, кæнæ денджызмæ абалц кæнын. Уымæй дарддæр ма æхсæзгон лæварæн райсиккой зондджын колонкæтæ, алыхуызон тренажертæ, стæй «лæвæрттæ-сюрпризтæ». Фæсивæды ног азы бæллицтæ чи æххæст кæна, уыдон хъуамæ бæлвырд æмæ лæмбынæг æххæст кæной сæ хæстæ. Сæйрагдæр у, сывæллон цæмæ бæллы, уый раст бамбарын. Регионы разамонæгимæ акцийы архайдтой парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Алчи дæр сæ заз бæласæй райста фæйнæ фондз хъазæны. Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас» традицимæ гæсгæ баиу кæны мингай адæмы нæ бæстæйы алы рæттæй, æмæ сын Ног азы бæрæгбонмæ сæххæст кæны сæ зæрдиагдæр фæндтæ.




