Делегаци Мæскуымæ ацыди сæрмагонд бригад «Ветераны»-йы хъæппæрисæй
Цæгат Ирыстонæй сæрмагонд æфсæддон операицйы чи архайы, уыдоны сывæллæттæ бабæрæг кодтой Федерацийы Совет. Делегаци Мæскуымæ ацыди сæрмагонд бригад «Ветераны»-йы хъæппæрисæй. Уазджытыл æхсызгонæй сæмбылдысты сенатор Мамсыраты Таймураз, комитеты уæнгтæ Ильяс Умаханов æмæ Айрат Гибатдинов. Фæсивæд сæхи цæстæй федтой парламентариты куыст, семæ аныхас кодтой, бабæрæг кодтой Паддзахадон Думæ æмæ Уæлахизы музей. Ахадгæ программæ адарддæр кодтой Уæрæсейы слестгæнæн колмитеты, сæйраг слестгæнæн управленийы. Алы сæвæллон дæр райста Ног азы лæвар. Ацы программæйы нысан у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты сывæллæттæн алывæрсыг социалон æххуыс кæнын. Мадзæлттæ баст сты паториотон хъомыладимæ, стæй сывæллæттæн Ног азы æхсызгон æнкъарæнтæ балæвар кæнынимæ.




