филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
23 декабря 2025, 10:08
Дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты 2 хуыздæр спортивон скъолайы – Ирыстоны æмæ Дагестаны хъæбысæйхæцджытæн уыд æмбаладон фембæлд спорты галуан «Манеж»-ы

Турнир баст уыд номдзыд тренер Дедегкаты Хъазыбеджы 80 азимæ

Дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты 2 хуыздæр спортивон скъолайы – Ирыстоны æмæ Дагестаны хъæбысæйхæцджытæн уыд æмбаладон фембæлд спорты галуан «Манеж»-ы. Турнир баст уыд номдзыд тренер Дедегкаты Хъазыбеджы 80 азимæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Трибунæтыл уæгъд бынæттæ нæй. Ацы турнир хуымæтæг нæу. Дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты 2 тыхджындæр скъолайы ныхмæлæуд. Ирыстон Дагестаны ныхмæ. Ерыстæ байгом кæныны мадзалы архайдтой кадджын уазджытæ. Иу рæнхъы – алы азты олимпаг чемпионтæ, дыууæ республикæйы спорты министртæ, хицауадон оргæнты минæвæрттæ.

Æмбаладон фембæлд баст уыд Дедегкаты Хъазыбеджы 80 азимæ. Йæ ном спорты дунеон историйы сыгъзæрин дамгъæтæй чи бафыста, уыцы тренеры. Райгуырд 1945-æм азы Цыколайы. Йæ тренерон æнтыстдзинæдты статистикæ дисы æфтауы – 49 сыгъзæрин майданы. Йæ хъомылгæнинæгты *хсæн – 5 олимпаг триумфаторы, дунейы 15 чемпионы æмæ Советон Цæдисы 16 чемпионы. Таймазты Артур, Фадзайты Арсен, Хæдарцаты æфсымæртæ – ацы нæмттæ зындгонд сты æппæт дунейы, æмæ сæ алкæйы фæстæ дæр ис Дедегкаты Хъазыбеджы куырыхондзинад æмæ карз дисциплинæ.

Турниры райдиан размæ рацыдысты Дагестанæй уазджытæ. Фыццаг ныхмæлæуды уæззау тохы Гобаты Артем фæхæрд йæ оппонентæн 3:2 хыгъдимæ. Йæ фæстæ фæхæрд сты Къизинты Дзамболат æмæ Тускъаты Алан. 3:0 хыгъдимæ æмбылдта Дагестан. Уавæр аивта 70 килограммы онг уæзы категорийы. Байаты Давиды ныхмæ гауызмæ рацыд фæлтæрдджын Абдурахман Далгатов. Раздæр ын Давид фæхæрд, фæлæ йын ацы хатт рæдыды бар нæ уыд. Афтæмæй фæуæлахиз 11:0 хыгъдæй.

Фæлæ æппæтæй тынгдæр се ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты олимпаг чемпион æмæ иугонд командæйы лидер Сидахъаты Зауырбеджы рацыдмæ. Æнтыстджынæй фæуæлахиз Магома Дибиргаджиевыл. Зауырбег та равдыста, йæ уæзы ныртæккæ æппæтæй тыхджындæр кæй у, уый.

Иумæйаг призон фонд уыд 7 милуан сомы. Æмбаладон фембæлд фæцис 5:5 хыгъдимæ. Ацы турнир равдыста, спортсментæ ныхмæлæуджытæ æрмæстдæр гауызыл сты, царды та – стыр спортивон бинонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania