Социалон инфраструктурæйы объектты уавæрыл, федералон фæрæзтæ хардз кæныны фарстатыл ныхас цыди, хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым
Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæнынц, 2025-æм азæн кæй снысан кодтой, уыцы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæныны мадзæлттæ. Социалон инфраструктурæйы объектты уавæрыл, федералон фæрæзтæ хардз кæныны фарстатыл ныхас цыди, хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. Ацы аз программæтæн дихгонд æрцыди 23 милиардæй фылдæр, уыдонæй нацпроекттæн -10 миллиарды. Фæрæзтæ хардзгонд æрцыдысты арæзтадыл, рацарæзтыл, социалон къабазы бындурон цалцæггыл æмæ æхсæнадон зонæтæ аив кæныныл. Уымæй уæлдай, æхца радих кодтой социалон фиддонтæн, экономикæйы рæзтæн, кусæнгæрзтæ æлхæнынæн æмæ æндæр хъуыддæгтæн. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ сты социалон хæстæ æххæст кæныны сæйрагдæр гæнæнтæ.




