филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
27 декабря 2025, 11:16
«Уырыймæгты Езетханы царды бæллиц»-æй ссардтой зындгонд фыссæг, драматург, публицист, журналист Уырыймæгты Езетаханы ном

Йæ райгуырдыл ацы аз сæххæст 120 азы

Адæймаг цæры цалынмæ йæ ном, йæ фæллæйттæ адæмы зæрдæты цæрой, уæдмæ. Уыцы хъуыдыйæн, радон хатт æвдисæн уыд Дигорайы культурон центры цы номарæн мадзал ацыд, уый. «Уырыймæгты Езетханы царды бæллиц»-æй ссардтой зындгонд фыссæг, драматург, публицист, журналист Уырыймæгты Езетаханы ном. Йæ райгуырдыл ацы аз сæххæст 120 азы. Мадзалмæ хуынд уыд нæ телерадиокомпанийы сфæлдыстадон къорд дæр.

Уыруймæгты Езетханы номарæн изæр райдыдта  Езетханы, стæй æрæджы сæ цардæй чи ахицæн, нæ уыцы куырыхон хистæртæ Мæхæмæтты Ахуырбег æма Лолаты Батразы рухс нæмттæ минут æдзæмæй алæугæйæ ссаргæйæ.

120 азы размæ Чырыстон хъæуы райгуырд стъалы. Чи æнхъæл уыд æмæ бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг æнахуыр ныййарджыты чызг суыдзæн фыццаг фыссæг  ирон сылгоймæг.

Езетхан фыццаг  ахуыр кодта Чырыстон хъæуы дины дыууæкъласон скъолайы. 1929 азы та сси  Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты уырыссаг филологийы хайады студенткæ. Йæ  ахуыргæнджытæ уыдысты номдзыд фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ Гæдиаты Цомахъ, Леонид Семенов, Борис Скитскийы уды фарн æмæ зонд, сæ миддуне. Йæхæдæг Езетхан литертаурон куыст кæнын райдыдта 1925 азы, хæрзæрыгонæй. Фæндыд æй нæ адæмы цард прозаикон стыр уацмысы равдисын, æмæ  райдыта кусын йæ роман «Ирæнттæ»-йыл, фæстæдæр æй схуыдта «Навстречу жизни».

Курдиатджын фыссæг Уыруймæгты Езетхан  роман «На встречу жизни»-йæ уæлдай ныффыста бирæ зæрдæагайгæ радзырдтæ. Уыдон мыхуыры рацыдысты  дыууæ хицæн чиныгæй: «Самое родное», «Седьмой сын».  1948 азы фыст фæци йæ комеди «Знатная невеста»,  фæстæдæр та фæзынд мыхуры йæ пьесæ «Знæгтæ» . Ныффыста йæ йæ роман «Царды размæ»-йы бындурыл. Æвæрд цыд  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, стуанг ма раздæры Советон цæдисы драмон театрты.

Езетханы романмæ гæсгæ фыст пьесæ «Навстречу жизни» Дзæуджыхъæуы Евгений Вахтаноговы номыл Уырыссаг академион театры  1967 азы сæвæрдта номдзыд режиссер Брытъиаты Зариффæ. Уыцы спектаклæн 1967 азы  лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Дигорайы культурон центрмæ Езетханы номарæн изæры бацархайынмæ æрбацыдысты  фысджыты цæдисы разамынд, Дыгуыры районы  разамынды, Уыруймæгты мыггаджы минæврттæ, Республикон журнал «Ирæф»-ы разамынд, стæй  Уыруймæгты Езетханы сфæлдыстадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи  нæ кæсы, уыцы адæм.

Дигорайы Уыруймæгты Езетханы номарæн изæр бацæттæ кæнынмæ стыр æвæрæн бахастой Дыгуры районы аивады дæснытæ, районы библиотекæйы, Цæголты Георгийы мемориалон, Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейтæ,

Курдиатджын фыссæг, драматург, публицист Уруймæгты Езетхан йæ цардæй кæд  1955-æм азы 50 аздзыдæй  ахицæн, уæддæр йæ ном цæры æмæ цæрдзæн, йæ царды бæллиц,   йæ уарзон Ирыстоны адæмæн, уырыссагау фыст хæрзхъæд фыст уацмыстæ балæвæр кæнын кæмæн, уыд йæ уыцы  чиныгкæсджыты мингай фæлтæрты зæрдæты. Кадджынæй йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты. Йæ номыл ис уынгтæ йæ райгуырæн Дигорайы æмæ Дзæуджыхъæуы. Йæ уацмыстæ парахатæй рæстæгæй-рæстæгмæ  уагъд цæуынц хицæн чингуытæй. Йæ цард æмæ бирæвæрсыг литературон ирд курдиатыл фыссынц уацтæ æмæ хицæн монографитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania