03 января 2026, 15:33
Фæлладуадзæн бонты республикæйы æппæт коммуналон службæтæ кусынц карздæр фæткмæ гæсгæ
Уый тыххæй йæ социалон хызты фехъусын кодта Сергей Меняйло
Фæлладуадзæн бонты республикæйы æппæт коммуналон службæтæ кусынц карздæр фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй йæ социалон хызты фехъусын кодта Сергей Меняйло. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады кусджытæ æвæстиатæй бакусынц республикæйы цæрджыты хъæстытыл, æмæ аиуварс кæнынц, электрон тыхдæттæг телтыл цы авариты рцæуынц, уыдон. Газы службæтæ дарддæр кæнынц бæрæггæнæн куыст: ацæуынц дæрддзæф хæххон хъæутæм æмæ цæст дарынц газуадзæн хæтæлты уавæрмæ. Республикæйы дондзæуæн куыстуаты рад хæссынц 22 бригады. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады та æхсæвæй-бонæй кусы оперативон штаб.
темæмæ гæсгæ




