филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 суббота, 31 января 2026
08 января 2026, 13:08
Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой Цыппурс

Бæрæгбоны аргъуыдтæ ацыдысты республикæйы æппæт аргъуанты

Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой Цыппурс. Бæрæгбоны аргъуыдтæ ацыдысты республикæйы æппæт аргъуанты. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим аргъуыд сарæзта Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кафедралон аргъуаны. Бæрæгбонмæ чырыстæттæ цæттæ кодтой 40 боны ком даргæйæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Сæдæгай уырнæг адæмы æрæмбырд сты Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кафедралон аргъуаны Чырыстийы райгуырды кадæн аргъуыдмæ. Цыппурсы бæрæгбоны адæм кувынц сæ хиуæтты æмæ хæстæджыты тыххæй, курынц æнæниздзинад æмæ сабыр дуне. Алкæмæндæр сæрмагонд ахаст ис ацы сыгъдæг бæрæгбонмæ.

Аргъуанмæ бацæуæны уыд Чырыстийы райгуырдимæ баст фæлгонц. Уый у чырыстон аргъуанты традици. Дзæнгæрджыты цагъд фехъусын кодта æхсызгон хабар. Уырнæг адæм зарыдысты аргъуаны хоримæ. Бæрæгбоны аргъуыд та сарæзта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим.

Цыппурс у чырыстон адæмы сæйрагдæр æмæ уарзондæр бæрæгбæттæй иу. Се ппæт дæр аргъуанмæ æрбацæуынц сыгъдæг зæрдæйы ахастимæ. Ам адæмы иу кæны Хуыцаумæ уарзондзинад.

Чырыстæтты æмæ дины кусджыты зæрдæтæ ацы æхсæв æххæст вæййынц уды хъармдзинадæй. Аргъуыды рæстæг адæммæ сæвзæры уæлмонц æнкъарæнтæ, баиу вæййынц Хуыцауимæ.

Ацы службæйæ райдыдтой январы бæрæгбæттæ. Чырыстæттæн доныскъæфæнты онг уыдзæн 12 сыгъдæг боны. Уыцы рæстæг æмбæлы зæрдæхæлар хъуыддæгтæ æхæхст кæнын, уарзон адæмы бæрæг кæнын, кувын æмæ диссæгтыл æууæндын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania