10 января 2026, 12:06
Ацы аз Цæгат Ирыстоны базилдзысты 40 æхсæнадон тыгъдадмæ
Тезгъогæнæн аллейæтæ, нырыккон рухсытæ, цъæх фæлыст æмæ æндæр объекттæ фæзындзысты республикæйы хъæуты æмæ горæтты
Ацы аз Цæгат Ирыстоны базилдзысты 40 æхсæнадон тыгъдадмæ. Тезгъогæнæн аллейæтæ, нырыккон рухсытæ, цъæх фæлыст æмæ æндæр объекттæ фæзындзысты республикæйы хъæуты æмæ горæтты. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ацы куыст æххæстгонд цæудзæн национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-йы «Горæты æнцонвадат тыгъдад аразыны» программæмæ гæсгæ. 2019-æм азæй Цæгат Ирыстоны аивгонд æрцыд 200 æхсæнадон территорийæ фылдæр. Парктæ, сквертæ, фæзтæ, фистæгæйцæуæн зонæтæ æмæ кæртытæ сног кодтой цæрджытæн сæхи фæндонмæ гæсгæ – алчидæр сæ йæ хъæлæс радта Æппæтуæрæсеон онлайн-хъæлæс кæныны рæстæг.
темæмæ гæсгæ




