филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:48 суббота, 31 января 2026
10 января 2026, 12:14
Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы фæсивæды Галуаны арæзт æрцыд, ныридæгæн традицион чи сси, уыцы республикон конкурс-æркаст

Йæ сæйраг нысан – ирон адæмы бирææнусон истори парахат кæнын, æмæ йæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын

Ирон дæн æз. Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы фæсивæды Галуаны арæзт æрцыд, ныридæгæн традицион чи сси, уыцы республикон конкурс-æркаст. Йæ сæйраг нысан – ирон адæмы бирææнусон истори парахат кæнын, æмæ йæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын. Конкурсы архайдтой республикæйы æппæт районты минæвæрттæ. Равдыстой сæ зонындзинæдтæ ирон æгъдæуттæй æмæ культурæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Фарныхъæуккаг Джимиты Тамерланы ацы æркасты архайæг суæвын бафæндыд уæлдай разæнгардæй.  Фарон дзы уæлахиздзау сси йæ хæрз æфсымæр Тимур. Тамерлан йæхи бæстон цæттæ кодта. Лæппуйы хæс уыд ирдæй равдисын йæ уарзондзинад ирон æвзагмæ, йæ фыдæлтæм, радзурын йæ мыггаджы равзæрды тыххæй.

Æркаст сæмбырд кодта æвзонг лæппуты республикæйы алы районтæй – скъолаты минæвæртты, сæхи ахуыры æмæ æхсæнадон царды фæзминагæй чи *вдисы, ахæмты. Ныридæгæн сты ирон адæмы ныфс, æгъдауæй хайджын, мадæлон æвзагыл иузæрдион.

Ирон аив дзырдæй фыдæлты æгъдæутты, адæмы историйы, номдзыд хиуæтты тыххæй радзурын –  æркасты архайджытæй алкæйы дæр фæндыд йæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ афтæ равдисын, цæмæй сын жюрийы уæнгтæ стыр аргъ скæной.

Царды бындуры æнусон цæджындзтæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цы хæзнатæ цæуынц, уыдоны тыххæй лæмбынæг дзырдтой лæппутæ,  сценæмæ рацæугæйæ. Æмæ сын æнтысгæ дæр кодта.

Алы архайæгæн дæр йемæ æрбацыд йæ фарсхæсджыты къорд. Ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, хиуæттæ, æмкъласонтæ. Уыдонæн хаста æхсызгондзинад лæппуты архайд сценæйы.

Æркаст ацы аз у дæсæм. Йæ саразыны хъæппæрис сæвзæрд æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-мæ. Æркаст цымыдисаг свæййы йæ архайджытæн. Уыдон равдисынц ирон æвзаджы æмæ æгъдæутты арф зонындзинæдтæ.

Æркасты рæстæг сценæйæ зæлыд аив ирон дзырд. Йæ дæсныйад равдыста адæмон кафты ансамбль «Æвзонгдзинад». Фæсивæды курдиат æхсызгондзинад æрхаста адæмæн.

Æркастæй æрвылаз дæр рауайы ирондзинады бæрæгбон. Йæ саразджытæн æмæ сценæйы йæ арæхстдзинад æмæ йæ зонындзинæдтæ чи равдисы, уыдонæн балæвар кæны, бирæ азты сæ зæрдыл кæй дардзысты, ахæм æнкъарæнтæ. Мадзал ма иу хатт фæбæлвырд кодта – ирон æвзагæн, ирон æгъдауæн фесæфæн нæй!

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania