Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег
Афæдзы райдиан хæхты рацыд 8 зæйы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Арвы комы фæндаг дæр уæзласæн машинæтæн у æхгæд, сæрмагонд уагæвæрдмæ. Республикæйы территорийы ныртæккæ «Уæллаг Ларс»-ы арæнты сæрты ахизынмæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1784 уæзласæн машинæйы. Уыимæ, электрон рады лæууы машинæты 1220 иуæджы. Сергей Меняйло æнæниздзинахъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, республикæйы клиникон рынчындоны гемодиализы кабинет саразыны мадзæлттыл бакусын, стæй Цæгат Ирыстоны рынчындæтты æмæ поликлиникæты бындурыл стоматологон кабинеттæ байгом кæнын. Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта регионы оперативон уавæрмæ карздæр цæст дарын, фылдæр æргом аздахын хъæуы хæхты зæйтæ цæуыны хъуыддагмæ дæр.




