филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
14 января 2026, 10:34
Ног азы фæлладуадзæн бонты рæстæг Мæздæджы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кодта цымыдисаг коллекци

Саив кодта сывæллæтты сфæлдыстады Центры разуынд

Ног азы фæлладуадзæн бонты рæстæг Мæздæджы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кодта цымыдисаг коллекци. Саив кодта сывæллæтты сфæлдыстады Центры разуынд. Ног азы бæрæгбоны 30 сæйраг персонажы сæхи къухтæй скодтой районы æрмдæснытæ. Уыдон саразыны тыххæй пайда кодтой алыхуызон æрмæджытæй. Фыццаг бынат бацахстой станицæ Павлодольскæйы цæрджытæ. Дыккаг бынат адих кодтой Павлодольскæйы скъолайы æмæ Мæздæджы 6-æм скъолайы минæвæрттæ. Æртыккаг бынатмæ рацыдысты Мæздæджы фыццæгæм скъолайы æрмдæснытæ. Терскæйы æмæ Луковскæйы станицæты скъолаты ахуырдзауты схорзæхджын кодтой 3 номинацийы: эстетикæ, фантази æмæ сфæлдыстадмæ гæсгæ. Уæлахиздзаутæн радтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania