Адæм цæуынц суанг нæ бæстæйы æндæр регионтæй дæр
Ног азы бæрæгбæтты рæстæг фылдæр адæм равзарынц сæ фæллад активонæй уадзын. Бирæ бинонтæ абалц кæнынц хæххон курорттæм, къахдзоныгътыл бырынмæ. «Мамысон»-ы ныртæккæ йæ тæмæны ис фыццаг зымæгон сезон. Адæм цæуынц суанг нæ бæстæйы æндæр регионтæй дæр. Уæвгæ, туристон курорт æххæст хъомысæй скусдзæн 2030-æм азмæ. Фæлæ ныр дæр банкъарæн ис алæмæты бынаты рæсугъддзинад, æмæ атезгъо кæнын цалдæр трассæйыл. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Фыццаг хатт къахдзоныгътыл чи слæууыд, уыцы адæймаджы зæрдæйы æхсызгондзинад тыхджын дымгæ дæр нæ мынæг кæны. Мамысоны фæндæгтæ – уæрæх, къахдзоныгътыл æмæ сноубордæй чи архайы, уыдон кæрæдзийы нæ хъыгдарынц. Фæллад уадзынæн спорты активон хуызтæ чи равзары, ахæм адæм ссыдысты Уæрæсейы алы рæттæй – Ирыстоны хæхты фæхстæ уазæгуарзон сты.
Æппæт сезонты кусæг курорт «Мамысон»-ы нырма уал ис дыууæ трассæйы. Сæ иумæйаг дæргъ у 14 километры. Кусынц дзы дыууæ бæндæнæй фæндаджы. Проект царды уагъд цæуы къæпхæнгай. Æххæстгонд æрцæудзæн 2030 азы. Арæзтадон куыстытæ цæуынц ныр дæр. Фæлæ уыдон нæ хъыгдарынц адæмы суазæг кæнын. Курорт ацы аз йæ дуæрттæ фыццаг хатт байгом кодта фæлладуазджыты размæ.
Курорт байгом кæнынмæ рагæй чи *нхъæлмæ каст, уыдоны *хсæн – Андрей Хахалины бинонтæ Мæскуыйæ. Куыддæр базыдтой сезоны райдианы тыххæй, афтæ сфæнд кодтой Мамысонмæ абалц кæнын. Къахдзоныгътæм иумæйаг цымыдисдзинад сын у сæйраг аххосаг Цæгат Ирыстон бабæрæг кæнынæн æмæ ног трассæтæ бафæлварынæн. Андрей куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæ цæст лæмбынæг дардта проект куыд æххæстгонд цыдис, уымæ. Йе *нкъарæнтæ не *мбæхсы: цы федта, уымæй зæрдæ рухс кæны.
Андрей куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сыл «Мамысон» зæрдиагæй сæмбæлд. Курорты кусджытæ сæхæдæг равзæрстой хъæугæ спортивон æрмæг, лæмбынæг хъуыстой алы адæймаджы фæндмæ, фæлладуазджытæн кодтой алывæрсыг æххуыс. «Мамысон»-ы трассæтæй байгом вæййы Ирыстоны алæмæты æрдз. Митæй æмбæрзт рæгъты рæсугъддзинадæй цæст атонæн нæй. Ацы бынат æрмæст къахдзоныгътыл бырынæн нæу, фæлæ у хорз фадат нæ республикæйы æрдз фенынæн.
Курорты цард алывæрсыг у. Къахдзоныгътæй уæлдай дзы фæлладуадзынæн ис æндæр фадæттæ дæр. Сæрмагонд фæзы аниматортæ хъазынц сывæллæттимæ, амонджытæ ирхæфсынц уазджыты. Дардмæ хъуысы музыкæ. Мамысон ирд æнкъарæнтæ лæвар кæны куыд хистæр кары адæмæн, афтæ кæстæртæн дæр.
«Мамысон»-ы пъланы рæзтмæ гæсгæ курорты сараздзысты 100 км дæргъæн трассæтæ æмæ 35 бæндæнæй фæндаджы. Курорты афæдзмæ фæллад суадзыны фадат уыдзæн 300 мин туристæй фылдæрæн.




