филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
14 января 2026, 10:35
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат армрестлингæй

Ерыстæ цæуынц хи æмæ командæты хсæн

Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат армрестлингæй. Ерыстæ цæуынц хи æмæ командæты хсæн. Архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц алы кары категориты. Æдæппæтæй турнир æрæмбырд кодта 300 спортсменæй фылдæр Цæгат Кавказы федералон зылды республикæтæй. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райсдзысты хæрзиуджытæ æмæ дипломтæ. Командæты хсæн дæр сбæрæг кæндзысты, фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты аккаг чи сси, ахæмты. Уыдон дæр хорзæхгонд æрцæудзысты кубоктæй. Ерыстæ цæуынц, паддзахадон программæ «Уæрæсейы Спорт» æххæст кæнгæйæ, æмæ фæуыдзысты 17-æм январы. Чемпионат байгом кæныны кадджын мадзалы раныхас кодта республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania