15 января 2026, 10:34
Архонкæйæ иуварс цæуæг фæндаг суыдзæн ног азы егъаудæр проект
Уыдзæн 4 хайæ, хицæнгæнæн быруимæ
Архонкæйæ иуварс цæуæг фæндаг суыдзæн ног азы егъаудæр проект. Уыдзæн 4 хайæ, хицæнгæнæн быруимæ. Уымæй уæлдай сараздзысты Джызæлдоны сæрты хид æмæ 2 фæндагвæды. Фæндæгты хæдзарады комитеты куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2 -йыл специалисттæ рацараздзысты 2 объекты. Æрыдонæй Дигорамæ уаццагыл хæйтты нымæц уыдзæн 4, сæвæрдзысты дзы хицæнгæнæн быру. Рацаразын фæнд кæнынц Цæугæдон Лескены сæрты хид дæр. Хохы Санибайæ Хъæрмæдонмæ фæндаг рацараздзысты бюджеты фæрæзтæй. Уыцы уаццаджы арæзт суыдзæн æдас фадат хохаг хъæуæй рацæуынæн.
темæмæ гæсгæ




