филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
15 января 2026, 17:02
Йæ юбилей бæрæг кæны фыццаг сылгоймаг æфсæддон уацхæссæг Таболты Иринæ

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, дуне хъахъхъæнынады Комитеты премийы лауреат, профессионал, бирæ хæрзиуджыты аккаг

Абон йæ юбилей бæрæг кæны Таболты Иринæ. Фыццаг сылгоймаг – æфсæддон уацхæссæг. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, дуне хъахъхъæнынады Комитеты премийы лауреат, профессионал, бирæ хæрзиуджыты аккаг. Кæдфæндыдæр йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадимæ цæстуарзонæй зонгæ кодта рæзгæ фæлтæры. Адæммæ хæццæ кодта æцæг информаци. Ирыстон бауарзта зæрдæйæ. Бæстæйæн телеуынынады уылты базонын кодта кавказаг гыццыл республикæ. Нырыккон телеуынынады бирæ традицитæн бындур сæвæрыны размæ Таболты Иринæ, 1970-йæм азы ахуыр кæнынмæ бацыд фæскомцæдисонты уæлдæр скъоламæ, равзæрста дзы журналистикæйы дæсныйад. Уым базонгæ фидæны политик æмæ æхсæнадон архайæг Таболты Солтанбегимæ дæр, фæстæдæр сси йæ цардæмбал. Иумæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Афтæмæй Иринæ йæ цард сбаста Ирыстонимæ. Кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны телеуынынады æмæ сси Центрон телеуынынадæн æмæ Æппæтцæдисон радиойæн æрмæджытæ чи цæттæ кодта, уыцы редакцийы сæйраг редактор. Таболты Иринæ стыр æвæрæн бахаста Хуссар Ирыстоны 1992-æм азы хæстон цаутæ дунейæн хъусн кæныны хъуыддагмæ. Уый фæстæ, Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы ныхмæлæуддзинады рæстæг афоныл федералон æмæ фæсарæнты телеканалтæм лæвæрдта рæстад информаци. Уыцы цауты фæстæ республикæйы байгом информацион агентад «Иринформ». Разымынд ын лæвæрдта Иринæ. Бирæ æрыгон журналисттæн ацы бынат сси сæ дæсныйады райдиан. Ныртæккæ дæр Таболты Иринæ йæ царды ахсджиаг хъуыддаг нæ ныууагъта, ныр дæр ацы дæсныйад чи равзæрста, уыцы фæсивæдæн у зондамонæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania