филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
20 января 2026, 10:33
Æнæпилотæй тæхæг аппараты æрхауд Беслæны цæрæн хæдзарæн зиан æрхаста 10 милуан сомы бæрц

Уыцы фæрæзтæ радих кодтой æвæситатæй, – афтæ фехъусын кодтой аппаратон æмбырды

Æнæпилотæй тæхæг аппараты æрхауд Беслæны цæрæн хæдзарæн зиан æрхаста 10 милуан сомы бæрц. Уыцы фæрæзтæ радих кодтой æвæситатæй, – афтæ фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй компенсацитæ бафидыны бæсты, хицауад æххæстæй сног кæндзæн хъыгдардбаййафæг хæдзары цæрджыты исбон. Рахизфарсы районы дарддæр кусы æвæстиаты æххуысы цæттæдзинады фæтк. Æмбырды ныхас цыд ахуырады фарстатыл дæр. Февралы кусын райдадйдзæн пилотон программæ. Афтæмæй скъолаты æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæтты фæзындзысты æфсæддон-патриотон хъомылады фæдыл уынаффæгæнджытæ. Сергей Меняйло бабар кодта уыцы куыстмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ргом здахын. 2026-æм азы бындурон цалцæг ацæудзæн республикæйы 26 скъолайы. Уымæй дарддæр республикæйы сæргълæууæг муниципалитетты разамонджытæн бафæдзæхста æдасдзинады ахадгæ мадзæлттыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania