филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 суббота, 31 января 2026
21 января 2026, 10:38
Республикæйы цæрджытæ радон хатт бацæттæ кодтой гуманитарон æххуыс хæстонтæн

Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы регионалон æмбырд «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн» æххæстгæнгæйæ

Республикæйы цæрджытæ радон хатт бацæттæ кодтой гуманитарон æххуыс хæстонтæн. Ирон чъиритæ, хойрæгтæ, медикаменттæ, техникон фæрæзтæ – йæ уæз у 12 тоннæйы бæрц. Бахæццæ йæ кæндзысты Луганскы Адæмон республикæмæ æмæ Запорожьейы облæстмæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы регионалон æмбырд «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн» æххæстгæнгæйæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Алы къопп дæр лæмбынæгæй æмбырдгонд. Сæдæгай ирон кæрдзыны, хойрæгтæ æмæ медицинон фæрæзтæ. Ацы гуманитарон æххуыс Адæмон фронты Цæгатирыстойнаг хайад радон хатт æрвиты хæстонтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Активистты хъуыдымæ гæсгæ,  4 азмæ нæ республикæйы цæрджытæй йе *ххуысы хай чи бахаста, уыдоны нымæц иу хаттæй иннæмæ кæны фылдæр.

Гуманитарон æххуыс сæмбырд кæнын сси æппæтадæмон хъуыддаг. Республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ, хъæууонхæдзарадон кооперативты кусджытæ, амалхъом адæм æмæ бархионтæ – алчидæр æмбары, æфсæддонтæн куыд ахсджиаг у сæ зæрдиаг архайд, уый.

Адæм цы фæрæзтæ сæмбырд кодтой, уыдонæй балхæдтой коптертæ æмæ рацитæ. Нырыккон техникæ  – æфсæддонтæн  ахсджиаг æххуыс. Уый руаджы сæм ис бастдзинад, уымæй пайдагæнгæйæ æнцондæр у сгарджытæн сæ хæстæ æххæст кæнын, хъæуы цард бахъахъхъæнынæн дæр.

Гуманитарон æххуысы иумæйаг аргъ 1 милуан æмæ 800 мин сомы – республикæйы цæрджыты иудзинады æмæ æнгомдзинады хатдзæг. Бахæццæ йæ кæндзысты Луганскмæ æмæ Запорожьейы облæстмæ. Хъуыддаг бантыст регионалон æмбырд «Адæмон фронт. Алцыдæр Уæлахизæн» æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania