филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 31 января 2026
22 января 2026, 10:34
Ацы аз регионалон программæмæ гæсгæ бындурон цалцæг скæндзысты 26 бирæфатерон хæдзары

Фыццаг вице-премьер Атарты Георгийы уынаффæмæ гæсгæ бындурон цалцæджы Фонды минæвæрттæ фембæлдысты цæрджытимæ

Ацы аз регионалон программæмæ гæсгæ бындурон цалцæг скæндзысты 26 бирæфатерон хæдзары. Фыццаг вице-премьер Атарты Георгийы уынаффæмæ гæсгæ бындурон цалцæджы Фонды минæвæрттæ фембæлдысты цæрджытимæ. Фатерты хицæутты хъуыдытæ æмæ фæндтæ  хаст æрцыдысты протоколтæм. Цæрджытæ сæхæдæг дардзысты сæ цæст цалцæггæнæн куыстыты цыдмæ. Уыдон разы куы уой, æрмæстдæр уæд фыст æрцæудзæн цæттæдзинады Акт. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Уыцы хуымæтæг хъуыды æмбарын кæны Фонды минæвæртты æмæ бындурон цалцæг цы хæдзæртты нысангод у, уыдоны цæрджытæ фембæлды хъуыды. Ахæм иумæйаг ныхас у ацы азы ногдзинад. Куыстыты хуыз æмæ бæрц, стæй адæмы фæндонтæ хаст цæуынц æмбырды протоколтæм. Ацы аз бындурон цалцæг цы 26 хæдзары скæндзысты, уыдонæй иу ис Пожарскийы уынджы.  Йæ лыггæнинаг фарстатæй иу – ивинаг сæр.

Хæдзар арæзт æрцыд 1960-æм азы. Йæ уавæр у хуыздæрхъуаг. Ахæм хатдзæг скодта рсепубликæйы бындурон цалцæджы Фонды генералон директор Теттаты Рамазан. Ивинаг æрмæст хæдзары сæр нæу, фæлæ инженерон коммуникацитæ дæр. Йæ раззаг къул дæр ын фæнд кæнынц рацаразын.

Цæрджытимæ фембæлдтытæ цæуынц, республикæйы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгийы уынаффæмæ гæсгæ. Хæдзæрттæ аразынц æмæ цалцæг кæнынц адæмæн, уый тыххæй уыдоны хъуыдытæ æмæ фæндонтæ сты ахсджиаг.

Георгий йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ цæрджытæн фадат ис куыстыты цыд æмæ арæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинадмæ цæст дарын. Цалцæджы фæстæ æркаст дæр цæудзæн уыдонимæ иумæ.  Аразæг куыстуат æмæ Фонды *хсæн цæттæдзинады Акт дæр бафысдзысты, цæрджытæ кæд разыйæ баззайой,  уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania