филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
27 января 2026, 10:31
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта мидхъуыддæгты министрады уæрæхгонд æмбырды

Министр Демьян Лаптевы разамындæй бахыгътой 2025-æм азы оперативон-службæйы куысты хатдзæгтæ, стæй ног хæстæ снысан кодтой ацы азæн

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта мидхъуыддæгты министрады уæрæхгонд æмбырды. Министр Демьян Лаптевы разамындæй бахыгътой 2025-æм азы оперативон-службæйы куысты хатдзæгтæ, стæй ног хæстæ снысан кодтой ацы азæн. Сергей Меняйло бузныг загъта мидхъуыддæгты министрады уæнгтæн, æхсæнадон æдасдзинады æмæ фыдракæндты ныхмæ тох кæныны хъуыддæгтæм стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй. Стыр æргом аздæхта интернеты æмæ телефоны уылты цæстфæлдахæн миты ныхмæ архайынмæ. Демьян Лаптев йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй паддзахадон хицаудзинады æмæ æндæр барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ сæ  ахадгæ æмгуыстады фæрцы, 4 мин æхсæнады мадзалæй фылдæр арæзт æрцыдысты æнæ закъонхæлдтытæй. 2025-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон хаст æрцыди, фыдракæндтæ зынгæ кæм фæкъаддæр сты, ахæм 10 субъекты хыгъдмæ. Йæ службæйы стыр æнтыстдзинæдтæ кæмæ ис, уыцы кусджытæ  хорзæхгонд æрцыдысты республикæйы сæргълæууæджы номæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania