28 января 2026, 10:34
Республикæйы сфидар кæндзысты ног кадджын нысан «Цæгат Ирыстоны фæсивæды сгуыхт зондамонæг»
Уый фæдыл закъоны проекты фарс рахæцыдысты Хицауады æмбырды
Республикæйы сфидар кæндзысты ног кадджын нысан «Цæгат Ирыстоны фæсивæды сгуыхт зондамонæг». Дæтдзысты йæ алы къабæзты хуыздæр специалисттæн. Уый фæдыл закъоны проекты фарс рахæцыдысты Хицауады æмбырды. Боны фæткмæ ма рахастой æндæр ахсджиаг фарста – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс. Цæгат Ирыстоны ахæм æххуыс кæнынц 30 къабазмæ гæсгæ. Премьер Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй уыцы нысантæн радих кæндзысты 6 миллиард сомæй фылдæр. Паддзахадон программæтæм гæсгæ арæзт æмæ модернизацигонд æрцæудзысты 150 объекты. Фæрæзты иумæйаг бæрц уыдзæн 16 миллиард сомы. Стыр æргом ма аздæхтой республикæйы æхсæнадон транспорты рæзтмæ дæр.




