филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:55 суббота, 31 января 2026
29 января 2026, 10:33
Уæрæсейы слестгæнæн комитеты кусджытæ æмæ ветерантæ сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны ведомствæйы 15 азы

Сергей Меняйло бузныг загъта службæйы минвæрттæн, сæ ахадгæ куысты тыххæй

Уæрæсейы слестгæнæн комитеты кусджытæ æмæ ветерантæ сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны ведомствæйы 15 азы. Уыцы рæстæгмæ слестгæнæн управлени раиртæста 12 мин фыдракæндæй фылдæр. Уыдонæй тæрхондæттæм æрвыст æрцыди  6 мин уголовон хъуыддаджы. Зæгъын хъæуы уый æмæ дзы 4 мин хъуыддаджы сты карз фыдракæндтæ.  2022-æм азы Цæгат Ирыстоны кусы слестгæнæн управленийы 4 кадетон къласы дæр, уый гимнази «Диалог» æмæ Алагиры 2-æм скъолайы. Юбилейы кадæн ведомствæйы уыд кадджын мадзал. Сергей Меняйло бузныг загъта службæйы минвæрттæн, сæ ахадгæ куысты тыххæй. Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй мæ сæ профессионалон æнтыстыты тыххæй кусджытæ æмæ ветерантæ хорзæхгонд æрцыдысты «Ирыстоны сæраппонд»-ы майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. Ведомствæйы уæнгтæ бузныг загътой республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйæн, кадетон кълæсты райрæзты тыххæй, стæй кадетты схорзæхджын кодтой кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй 15 азмæ Слестгæнæн комитет сси æрвылбон йæ размæ вæрд хæстæ чи ххæст кæны, ахæм профессионалон æгъдауæй фидар структурæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania