филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:55 суббота, 31 января 2026
29 января 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы 2022-æм азы райдыдта Сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуаны рацарæзт

Ацы бонты дзы ацыд фыццаг аргъуыд, æмæ йæм сæмбырд сты, чырыстон диныл хæст сæдæ адæймагæй фылдæр

Дзæуджыхъæуы 2022-æм азы райдыдта Сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуаны рацарæзт. Ацы бонты дзы ацыд фыццаг аргъуыд, æмæ йæм сæмбырд сты, чырыстон диныл хæст сæдæ адæймагæй фылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ бæстыхай епархийæн лæвæрд æрцыд 15 азы размæ кæлæдзаг уавæры. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ацы бынаты аргъуыд рагæй арæзт нæ уыд. Сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуанмæ чи *рбацæуы, уыцы уырнæг адæмæн у дывæр бæрæгбон. Аргъуаны бон баиу уарзон бæстыхаймæ æрбацыдимæ. Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыры фæндмæ гæсгæ Мады Майрæмы номыл аргъуаны сæргълæууæг Джиоты Константин сарæзта фыццаг аргъуыд. Сæдæйæ фылдæр чырыстон диныл хæст адæм æрбацыдысты æхсызгондзинад банкъарынмæ. Цалцæджы фæстæ аргъуан йæ хуыз скалдта, зæгъынц  уырнæг адæм.

Аргъуаны истори райдыдта ноябры 1888-æм азы. Уæд байгом Дзæуджыхъæуы гуырдзиаг скъола. Йæ хъæппæрис сæвзæрд Хетæгкаты Къостайы хæлар, æхсæнадон архайæг Михаил Кипианимæ. Уыцы хæлардзинады æмæ рухстауынады иугæнæг тыхы руаджы ссардтой фæрæзтæ – скъолайы арæзтад цыдис адæмы фæрцы. Революцийы фæстæ 30-æм азты аргъуан сæхгæдтой. Бæстыхайæ сарæзтой 19-æм скъола. Фæстæмæ дзы аргъуан байгом кæныны хъуыды фæзынд 2011-æм азы. Ирон поэт æмæ гуырдзиаг рухстауæджы хæлардзинады руаджы цы хъуыддаг рауад, уый абон дæр иу кæны алы адæмы хæттыты минæвæртты.

Аргъуаны рацарæзты рæстæг скодтой егъау куыст, уырнæг цæрджыты æххуыссæй. Аразджытæ ныффидар кодтой бæстыхайы бындур æмæ къултæ. Баивтой инженерон коммуникацитæ – электрон тыхы телтæй райдай æмæ хъармгæнæн системæйæ фæуы, стæй бæстыхайы сæр. Нысан кæнынц йе *ддаг къул сног кæнын æмæ мидæггаг куыстытæ фæуын.

Рацарæзты цыдмæ йе *ххуысы хай баххæссæн ис алкæмæндæр. Фæрæзтæ æмбырдгонд цæуынц ныр дæр.  Сæйраг хæс у, бæстыхайæн 19-æм азы цы хуыз уыд, уый раздахын. Уый та дзуры, йæ бакаст тагъд рæстæг кæй аивдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania