филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:36 пятница, 30 января 2026
30 января 2026, 11:29
Луковскæйы станицæйы байгом Теркаг хъазахъхъæгты музей

Кадджын мадзалы архайдтой Мæздæджы районы администрацийы бæрнон кусджытæ, бынæттон æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ, Теркаг хъазахъхъаг æфсады минæвæрттæ

Луковскæйы станицæйы байгом Теркаг хъазахъхъæгты музей. Кадджын мадзалы архайдтой Мæздæджы районы администрацийы бæрнон кусджытæ, бынæттон æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ, Теркаг хъазахъхъаг æфсады минæвæрттæ. «Æцæг истори» – афтæ схуыдтой  сæ фыццаг экспозици, хъазахъхъаг хæдзары курЕнь-ы хуызы кæй сарæзтой, уый. Музейы дуæрттæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд хъазахъхъаг æхсæнады хистæртæн – Якубин Николай æмæ Валентинæйæн. Уыдон радзырдтой, экспозицийы фылдæр хайы дзаумæттæ кæй руаджы бахъахъхъæдтой, уыцы фыдæлты царды тыххæй. Музей саразынмæ се *вæрæн бахастой цæрджытæ – æрбахастой сæ хуызистытæ æмæ бирæ цымыдисаг хæдзары дзаумæттæ. Уазджытæн ансамбль «Теркæгтæ» бацæттæ кодта театралон равдыст хъазахъхъæгты цард æмæ традициты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania