филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
05 февраля 2026, 10:46
Сергей Меняйло æмæ Муслим Хучиевы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстаты фæдыл æмбырд

Сæйрагдæр ныхас цыди бæстæйы Президенты хæслæвæрдтæ æххæст кæныныл

РЦИ-А сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ УФ-йы Хицауады сæрдары æххуысгæнæг Муслим Хучиевы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Сæйрагдæр ныхас цыди бæстæйы Президенты хæслæвæрдтæ æххæст кæныныл. Цы хæстæ æмæ нысантæ æвæрд æрцыди, уыдон иууылдæр баст сты регионы экономикæ фæфидардæр кæнынимæ. Ирыстоны национ проекттæ æмæ федералон нысанон программæтæ кæй æххæстгонд цæуынц, уый фæрцы лыггонд цæуынц бирæ фарстатæ. Бирæтæ дзы хауынц Беслæнмæ. Ахадгæ куыст бакодтой горæты генералон пъланыл. Документмæ хаст æрцыди 57 мадзалы, уыдонæй 56 – бындурон арæзтады объекттæ. Абоны онг дзы æххæстгонд æрцыди 52 объекты, загъта Сергей Меняйло. Дыууæрдыгæй бæстонæй æрдзырдтой республикæйы социалон инфраструктурæйы объектты арæзтадыл æмæ рацарæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania