филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 вторник, 17 марта 2026
10 февраля 2026, 10:34
Уæрæсейы фыццаг хатт сбæрæг кодтой Æфсæддон пъæлицæйы бон

Кадджын мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, ветерантæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ

Уæрæсейы фыццаг хатт сбæрæг кодтой Æфсæддон пъæлицæйы бон. Кадджын мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, ветерантæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ. Уазджытæн бацæттæ кодтой техникæйы, хæцæнгарзы æмæ æфсæддонты дарæсы равдыст. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Антон Тарабан ахуырадон центры бæрзонддæр кæны йæ дæсныйад. Ардæм æрвыст æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйæ. Уым ын йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй лæвæрд æрцыд «Æфсæддон сгуыхтдзинæдты » майдан.  3 мæйы – цæттæ кæныны рæстæг, æмæ сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацæудзæн, йæ дæсныйад чи фæбæрзонддæр кодта, ахæм æфсæддон пъæлицæйаг.

Цæгат Ирыстоны цы цæттæгæнæн центр ис, уый иунæг у Уæрæсейы. Ам цы сæдæгай æфсæддонтæ фæбæрзонддæр кæнынц сæ дæсныйад, уыдон сæрмагонд хæстæ æнтыстджынæй  феххæст кæнынц æфсæддон иугæндты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. 8-æм февраль æфсæддон пъæлицæйы боныл нымад æрцыд Уæрæсейы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ.

Æфсæддон пъæлицæйæгтæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракæнынæн æрбацыдысты Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеран, отставкæйы дæлбулкъон Карсанаты Владимир, Дзæуджыхъæуы администрацийы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг Маматы Хъазыбег, Беслæны 1-æм ахуыргæнæндоны  «Скъолайы музейы» иугонды директор Гуыриаты Надеждæ. Фæдзæхстытæ æмæ арфæтæ хъуыстысты, Уæрæсейы æфсады бæрнондзинад хъахъхъæнджытæн.

Кадджын мадзалы æрхъуыды кодтой йе *фсæддон хæстæ чи *ххæст кæны, уыдоны. Æдзард æфсæддон пъæлицæйæгты номыл  алæууыдысты æдзæмæй. Дидинджытæ сæвæрдтой, центры кæрты сæ номыл цы цыртдзæвæн ис, уый фарсмæ. Йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны мысæн мадзæлттæ систы традици –  семæ баст мысинæгтæ æфсæддонты зæрдæты нæ мынæг кæнынц.

Бæстæйы алы æфсæддон иугонды Калиниградæй Камчаткæйы онг ис йæхи æфсæддон пъæлицæ. Сæ кусджытæ сæ дæсныйад бæрзонддæр фæкæнынц Цæгат Ирыстоны нырыккон ахуырадон центры. Машинæтæ, хæцæнгæрзты хуызтæ – æфсæддонты цæттæкæнынад цæуы æппæты раззагдæр технологитæй æмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæй пайдагæнгæйæ.

Æфсæддон пъæлицæйæгты размæ цы хæстæ ис, уыдон домынц хъæбатырдзинад, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æмæ бæрзонд дæсныйад. Æфсæддон пъæлицæйæгтæ тох кæнынц фыдракæндты ныхмæ æфсады, хъахъхъæнынц ахсджиаг объекттæ,  гуманитарон æххуыс бахæццæ кæнынц бынатмæ – се *вæрæн хæссынц Уæрæсейы хъахъхъæнынады хъомыс фидар кæнынмæ.

Паддзахы рæстæг чи фæзынд, уыцы æфсæддон пъæлицæ ныры рæстæг дæр у рæстдзинад хъахъхъæнæг. Æфсæддонтæ кадимæ æххæст кæнынц сæ хæстæ. Хицæн сæ кæны стыр бæрнондзинад æмæ профессионалон дæсныйад. Уый та амоны, бæстæйы закъон æмæ фæтк хъахъхъæд кæй цæуынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania