филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
17 февраля 2026, 10:45
Атарты Георгий стæй Бетанты Марат хорзæхджынгонд æрцыдысты Уæрæсейы президенты бузныджы фыстæджытæй

Республикæйы сæргълæууæг сын кадджын хæрзиуджытæ радта аппаратон æмбырды рæстæг

Цæрæнуæтты арæзтады рæзтмæ æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй фыццаг вице-премьер Атарты Георгий стæй арæзтады æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат хорзæхджынгонд æрцыдысты Уæрæсейы президенты бузныджы фыстæджытæй. Республикæйы сæргълæууæг сын кадджын хæрзиуджытæ радта аппаратон æмбырды рæстæг. Ныхас ма цыд Цæгат Ирыстоны оперативон уавæрыл. Мидхъуыддæгты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ивгъуыд къуыримæ республикæйы æрцыд 77 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 12 адæймаджы. Уыимæ ма æрцыд 6 æнæнхъæлæджы цауы. Сæйраг æргом здæхт цæуы, Беслæны æнæпилотæй тæхæг аппаратæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы хæдзармæ. Йæ цæттæдзинад ныртæккæ у 85%. Бæрнон кусджытæ ма æрныхас кодтой эпидемиологон уавæрыл. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æхснырсæгæй рынчынты уавæр у сезонмæ гæсгæ. Рынчынтæн сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ ма бафтыдта, карантины сæхгæдтой æртæ рæвдауæндоны æмæ æртæ къласы. Ныхас ма цыд хъармгæнæн сезон адарддæр кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania