Ветеранæн йæ юбилейы фæдыл арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ æмæ минæвæрттæ
Йæ 100 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Арутюн Хачикян. Фронтмæ ацыд, 18 азы йыл куы цыди, уæд. Куыста шофырæй, тохы быдырмæ хæццæ кодта хæстфæрæзтæ, æмæ-иу раласта цæф салдæтты. Хæсты фæстæ та йæ цард сбаста фæллоимæ æмæ сфæлдыстадимæ. Фæстаг азты цæры Дзæуджыхъæуы. Ветеранæн йæ юбилейы фæдыл арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ æмæ минæвæрттæ. Радтой йын Уæрæсейы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Ацы хæдзармæ цæуынц дидинджытимæ, мидбылхудтимæ æмæ хъарм ныхæстимæ. Арутюн Хачикян исы арфæтæ йæ 100 азы юбилейы фæдыл – ахсджиаг цау æрмæст бинонтæн нæ, фæлæ йын йæ истори чи зоны, уыдонæн се ппæтæн дæр. Хиуæттæн у ныфс æмæ дæнцæг. Сахуыр сæ кодта сабырдзинадæн аргъ кæныныл æмæ хæстæджыты хъахъхъæныныл. Фронтмæ Арутюн Хачикян ацыд æрыгон 18-аздзыд лæппуйæ. Хæстон азты фæлварæнтæ йын йæ уды фидардзинад нæ басастой.
Арутюн Хачикяны службæ цыд хурныгуылæн арæнты. Æвзонг салдат комкоммæ сæмбæлд хæсты æцæгдзинадимæ. Уыд шофыр, фронтмæ хæццæ кодта хæстфæрæзтæ æмæ-иу аласта цæф хæстонты. Бирæ хæттыты-иу бахауд знаджы бомбардировкæты бын. Иу ахæмы рæстæг фæцæф ис – асастысты йæ къæхтæ. Уæлахизы боныл сæмбæлд йæ хæдзарæй дард – Румынийы. Æмæ ма суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ дарддæр службæ кодта Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
Абон уыцы цаутæ зæрдыл лæууын кæнынц хуызистытæ. Ветеран лæмбынæг хъахъхъæны хæстон азты æмæ сабыр царды къамтæ. Иуты – техникæ – уыимæ баст у йæ службæ, иннæты – бинонтæ æмæ йе фсæддон хæлæрттæ. Хæдзармæ куы æрыздæхт, уæд йæхи снывонд кодта фæллойæн æмæ сфæлдыстадæн. Куыста шофырæй зынгхуыссынгæнæн службæйы, уæгъд рæстæг та аивадмæ æмхиц уыд. Арутюн Хачикянæн цымыдисаг уыд нывкæнынад. Фыццаг кодта декорацитæ, фыста пейзажтæ æмæ натюрморттæ. 90-æм азты йæ бинонтимæ раивта Дзæуджыхъæумæ. Ацы горæт ын сси дыккаг хæдзар.
Ветеран лæмбынæг кæсы абоны царды цаутæм. Сæрмагонд операцийы тыххæй хабæрттæм уæлдай къурцхъус у. Хорз зоны сабырдзинадæн æмæ адæймаджы цардæн аргъ.
Ветеранæн йæ гуырæн боны фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ дæр. Уазджытæ æрбахастой традицион 3 кæрдзыны æмæ зæрдылдарæн лæвар – къулыл кæнгæ номы сахат.
Уæлдай æхсызгон юбилярæн уыд Уæрæсейы Президент Владимир Путинæй фыстæг. Йæ арфæйы фæнысан кодта уæлахиздзауты фæлтæры æвæрæн бæстæйы сабыр фидæнмæ æмæ историон намыс бахъахъхъæнынмæ.
Йæ 100 азы юбилейыл Арутюн Хачикян сæмбæлд йæ хиуæттимæ – сывæллæттимæ, æмæ уыдоны цотыцотимæ. Йæ цард у лæгдзинады æмæ адæмуарзондзинады дæнцæг. Æмæ абон дæр у, царды алы бонæн дæр аргъ кæнын чи зоны, ахæм адæймаг.




