Уый тыххæй фехъусын кодтой агропромышленнон комплексы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды
2026-æм азы хъæууон хæдзарады рæзтæн дихгонд æрцыди 2 млрд сомы. Уый тыххæй фехъусын кодтой агропромышленнон комплексы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Цы фарстатыл дзы æрдзырдтой, уыдоны хсæн паддзахадон æххуыс, мелиорацийы мадзæлттæ, хъæууонхæдзарадон туризмы проекттæ царды уадзын. Дзанайты Барис хъæууон хæдзарады министрмæ бахаста фæндон, гранттæ дæттыны фæткмæ æмæ субсидитæй пайда кæныны ахадындзинадмæ ногæй æркæсын. Æмбырды сæйраг фарстатæй иу уыди донхорыггæнæн системæйы куыст, цæмæй тыллæг уа зæрдæйы фæндон. Ивгъуыд азы 3 проекты царды рауагътой Кировы æмæ Мæздæджы районты, сæ иумæйаг субсидиты бæрц 129 милуан сомы. Æмбырды архайджытæ бæстонæй æрдзырдтой агротуризмы даддæры рæзты лыстæг хъуыддæгтыл. Ацы хæстæн 2024-æм 25-æм азты Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ райстой 230 милуан сомы федералон гранттæ. Фæрæзтæ хардзгонд æрцыдысты 23 проекты сæххæст кæныныл. Ацы азæн та нысан кæнынц 114 милуаны агротуризмы 12 проектыл бахардз кæнын.




