филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:27 вторник, 17 марта 2026
21 февраля 2026, 10:43
Хæзныдоны арæзт æрцыд хæрзаудæн мадзал

Кад дзы кодтой, Афганистаны се фсæддон хæс æххæст кæнгæ кæмæн рауад, уыдонæн

Хæзныдоны арæзт æрцыд хæрзаудæн мадзал. Кад дзы кодтой, Афганистаны се фсæддон хæс æххæст кæнгæ кæмæн рауад, уыдонæн. Мадзал  арæзт  æрцыд не мкусæг Сосранты Жаннæйы хъæппæрисæй.  Ахсджиаг фембæлды нысан цы уыд, уый раргом кæндзæн нæ дарддæры сюжеты.

Спортивон комплес СОЗО -й кæрты, сæ хъæбултæм  æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад , уыцы мадæлты номыл, Хæзныдоны фæрнджын цæрæг Хъамболты Марат цы цыртдзæвæн снывонд кодта, ууыл  дидинджытæ сæвардтой Афганистаны  сæ æфсæдтон хæс чи æххæст кодта, уыдонæй Æрæфы районы чи цæры, уыдон.

Сæ кадæн мадзал сарæзтой Хæзныдоны скъола æмæ  Афганистаны зындоны фæндæгтыл цæугæ кæмæн рауад уыцы Батоты Святославы хиуæттæ.  Кæд йæхæдæг цардæй ахицæн  51 аздзыдæй, бинонтæ нæ саразгæйæ, уæддæр йæ ном рох нæу.  Мадзалмæ хуынд æрцыд  Святославы мад Батоты Ольга, кæцы йæхи цæстытæй федта Афганистаны хæстонты цард.

Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы ахуырдзауты чысыл удтæ хорз банкъардтой, цы мадзалмæ сæхи цæттæ кодтой, уый мидис. Афганистаны хæстæн стыр бынат ис историйы. Нымад у ссæдзæм æнусы тæккæ фылдæр чи цыд, ахæм быцæуыл.

Афганистан цæргæ бонты сæ удтæй кæмæн никуы фæхицæн уыдзæн, уыцы кадджын уазджытæн раарфæ кодтой, сæ хъæбартæрдзинады тыххæй, Æрæфы районы сæргълæууæджы хæдивæг Соскъиты Алан, Хæзныдоны хъæуы сæрдар Гегкиты Рамазан, Æрæфы районы «Стыр Ныхас»-ы æмæ ветеранты Советы разамынд æма минæвæрттæ.

Арæфы фыстæджытæ ма мадзалы хъайтарты номыл æрбарвыстой Дард Скæсæны федералон зылды Цæгат Ирыстоны минæвар Хидирты Валерий, æмæ Националон иртæстыты центр «Курчатовы институт»-ы  вице‑президент Хъамболты Марат.

Æмбæлы зæгъын – уды хъармдзинадæй æххæст мадзал æрхаста æхцондзинад йæ хъайтартæн. Æрхъуыдидзинадæй æххæст адæймагæн та  фылдæр кæны йæ хъару, хуыздæр кæны е *нæниздзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania