филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 вторник, 17 марта 2026
21 февраля 2026, 10:46
Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы байгом Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн равдыст

Экспозицимæ бахастой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Цæгат Ирыстонæй цы фысджытæ æмæ поэттæ архайдтой, уыдоны дзаумæттæ, къухфыстытæ æмæ хуызистытæ

Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы байгом Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн равдыст. Экспозицимæ бахастой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Цæгат Ирыстонæй цы фысджытæ æмæ поэттæ архайдтой, уыдоны дзаумæттæ, къухфыстытæ æмæ хуызистытæ. Уыцы æрмæджытæ цæстыгагуыйау хъæхъхъæд æрцыдысты музейы фондты. Ныр сæ рахастой адæмы размæ. Кадджын мадзалы архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, студенттæ, фысджытæ æмæ литературæ иртасджытæ. Уазджытæй сæ фылдæрæн равдыст сси, зонгæ адæммæ ног цæстæй ракæсыны фадат – æрмæст куыд автортæм нæ,  фæлæ куыд хæсты хъайтартæм, афтæ. Равдыст саразджытæ фæнысан кодтой: ахæм мадзæлттæ æххуыс сты фæлтæрты *хсæн бастдзинад хъахъхъæнынæн, дзырд æмæ хъайтардзинад хæсты быдыры æмдзу кæй кодтой, уый зæрдыл дарынæн. Фысджыты царды хабæртты, се сфæлдыстады æмæ хæстон хуызистыты фæрцы бæстæйы истори свæййы хæстæгдæр æмæ æнцон æмбарæн, уæлдайдæр та æрыгæттæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania