21 февраля 2026, 10:50
Дигорайы 2-æм скъолайы ацы аз урсы къуырийыл сæмбæлдысты адджинæгтимæ æмæ зæрдæхæлар хъуыддæгтимæ
Арæзт дзы æрцыд хæрзаудæн мадзал
Дигорайы 2-æм скъолайы ацы аз урсы къуырийыл сæмбæлдысты адджинæгтимæ æмæ зæрдæхæлар хъуыддæгтимæ. Арæзт дзы æрцыд хæрзаудæн мадзал. Йæ сæйраг нысан – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæнын. Бæрæгбоны сæйраг хъайтартæ систы райдиан кълæсты ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ. Иумæ сфыхтой лауызтæ, æрæвæрдтой бæркадджын фынгтæ æмæ скодтой армукъа. Уымæй дарддæр ма фæсивæд бацæттæ кодтой зæрдæмæдзæугæ концерт. Уæвгæ бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты районы цæрджытæ дæр. Цы фæрæзтæ сæмбырд кодтой, уыдонæй æфсæддонтæн балхæндзысты антидрон «Булат». Бæрæгбон баиу кодта кæстæрты æмæ хистæрты дæ, æмæ сын балæвар кодта ирд æнкъарæнтæ.
темæмæ гæсгæ




