Ацы бон баиу кодта алы фæтæрты минæвæртты – ветерантæй райдай æмæ ныртæккæйы æфсæддонтæй фæуы
Ветеранты хæдзары ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты боны кадæн бæрæгбоны мадзал. Ацы бон баиу кодта алы фæтæрты минæвæртты – ветерантæй райдай æмæ ныртæккæйы æфсæддонтæй фæуы. Хицæн ныхасы аккаг сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æфсæддон службæйы ветерантæ, Уæрæсейы хъæбатыртæ, стæй сæ бинонтæ. Бæрæгбонмæ хуынд адæмæн арфæ ракодтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Фæнысан кодтой историон бынтæ хъахъхъæныны ахсджиагдзинад æмæ фæлтæрты бастдзинад. Бузныг загътой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн се сгуыхтдзинæдты тыххæй. Бæрæгбон саив кодтой Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон къордтæ. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ сты йæ цард Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынимæ си сбаста, уыдонæн ма уæлдай хатт бузныг зæгъыны фадат.




