филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:57 вторник, 17 марта 2026
24 февраля 2026, 10:48
Культурæмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Джихаты Романæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном, стæй «Ирыстоны сæраппонды» майдан

Йæ ансамбль саразы хæрзаудæн концерттæ

Бирæ азты фæллой æмæ дæсныйадыл æнувыддзинад. Культурæмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Джихаты Романæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном, стæй «Ирыстоны сæраппонды» майдан. Йæ ансамбль саразы хæрзаудæн концерттæ. Роман сывæллæтты ахуыр кæны национ инструменттыл цæгъдыныл. Йæ разамындæй коллектив иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта федералон телепроектты. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ансамбль «Фыдæлты намыс»-æн хæрзаудæн концерттæ саразын рагæй сси хорз традици. Музыканттæ сæ дæсныйадæй сбуц кæнынц ацæргæ адæмы æмæ инвалидты, фæзарынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ æфсæддонты бинонтæн. Коллективы разамонæг Джихаты Романы хъуыдымæ гæсгæ, музыкæ хъуамæ зæла, тынгдæр кæм хъæуы, уым. Ансамблы репертуары ис, истори æмæ рæстæджы ахсджиагдзинад æвдисæг –  хъайтартыл фыст æмæ адæмон зарджытæ.

Бабаста сæ музыкæ. Зонгæ национ зарджыты коллективы уæнгтæ бавæрынц арф хъуыды. Ис дзы æрыгон зарæггæнджытæ, æмæ фæлтæрдджын артисттæ. Ансамбль иу æмæ дыууæ хатты нархайдта федералон телеуынынады проектты æмæ егъау фестивальты. Джихаты Роман культурæйæн снывонд кодта 40 азæй фылдæр æмæ хорз зоны, адæмы иумæйаг хъуыддаджы алыварс куыд баиу гæнæн ис, уый. Æнæ музыкæйæ ам бирæ рæстæг бафæразæн нæй…

Йæ куысты сæрмагонд  хай ахсы педагогикæ. Горæтгæрон районы культурæйы галуаны Джихаты Роман сывæллæтты ахуыр кæны национ инструменттыл цæгъдыныл  – дала æмæ хъисын фæндырыл. Ахсджиагыл нымайы, цæмæй æрыгон фæлтæр æмбара æрмæст техникæ нæ, фæлæ инструментты зæлынад.

Йæ фæндагамонæг музыкалон стъалы ссыгъд 80-æм азты – райдыдта аккомпаниаторæй æмæ сси адæмон инструментты оркестры аивадон разамонæг. Куыста фольклорон ансамбльты, разамынд лæвæрдта сфæлдыстадон къордтæн æмæ районы культурæйы галуанæн. Уыцы фæлтæрддзинад ын абон дæр æххуыс у музыкантты алы фæлтæртимæ кусынæн. Романы хъуыдымæ гæсгæ, хъайтарон зарæджы аивад рох нæ кæны, уымæн æмæ йын ис æнгом бастдзинад адæмы æгъдæуттимæ.

 

Джихаты Романæн, культурæмæ цы стыр æвæрæн хæссы, уый тыххæй лæвæрд æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт кусæджы» ном, стæй хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны сæраппонды» майданæй. Уыцы хæрзиуджытæ сты йæ бирæ азты фæлтæрддзинад æмæ дæсныйадмæ æнувыддзинадыл дзурæг. Кæй сарæзта, уыцы адæмон инструментты ансамбль «Фыдæлты намыс» гастрольтимæ ацæуы бæстæйы алы регионтæм. Джихаты Романæн музыкæ у йæ царды сæйраг хъуыддаг – æгъдæуттæ хъахъхъæныны æмæ сæ фæлтæртæм хæццæгæныны хорз мадзал.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania