филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 вторник, 17 марта 2026
25 февраля 2026, 11:15
Дзæуджыхъæуы Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы боны кадæн арæзт æрцыд рухстауæн рейс

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ абалц кодтой «Намысы трамвай»-ыл

Дзæуджыхъæуы Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы боны кадæн арæзт æрцыд рухстауæн рейс. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ абалц кодтой «Намысы трамвай»-ыл. Мадзал конд æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Знание. Герои» æххæстгæнгæйæ. Ахæм рейс ныр 5-æм хатт  арæзт цæуы. Трамвай хуымæтæджы нæ равзæрстой. Сæрмагондæй ацы транспорт сси хæсты азты царды символ, уæлдайдæр та блокадон Ленинграды. Акцийы рæстæг сывæллæттæн радзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, стæй сæрмагонд операцийы хъæбатырты тыххæй. Трамвай абалц кодта, кадджын хæстонты нæмттæ цы уынгтæ хæссынц, уыдоны уылты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania