филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 вторник, 17 марта 2026
25 февраля 2026, 11:16
Дигорайы байгом журналистикæйы музей. Республикæйы у фыццаг.

Рауагъдад «Дыгуры хабæртты» кусджытæ æмæ бынæттон цæрджытæ сæмбырд кодтой экспонаттæ хи архивтæй

Дигорайы байгом журналистикæйы музей. Республикæйы у фыццаг. Рауагъдад «Дыгуры хабæртты» кусджытæ æмæ бынæттон цæрджытæ сæмбырд кодтой экспонаттæ хи архивтæй.  Сæ хыгъды – мыхуыргæнæн машинкæтæ, къамисæнтæ æмæ зæронд газеттæ. Фидæны коллекци фæнд кæнынц фæуæрæхдæр кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

50 азы размæ-иу хабæрттæ куыд базыдтой æмæ газетты кусджытæ куыд архайдтой, уыимæ ныр сæ бон базонгæ уæвын у Дигорайы цæрджытæн. Газет «Дыгуры хабæртты» редакцийы байгом Цæгат Ирыстоны журналистикæйы фыццаг музей. Ацы аз рауагъдадыл æххæст кæны 95 азы. Хъæппæрис разынд сæйраг редактормæ. Йе мкусджытимæ мæйы бæрц æмбырд кодтой экспонаттæ хи архивтæй. Экспозици уазджыты балцы арвиты мыхуыргæнæн машинкæты æмæ пленкæтимæ къамисæнты дугмæ. Музейы дуæрттæ гом сты скъоладзаутæн дæр, æмæ бынæттон прессæйы истори цымыдисаг кæмæн у, уыдонæн се *ппæтæн дæр.

Музей ныхасгонд у Дигорайы скъолатимæ – ардæм æрбацæуынц æнæхъæн кълæстæй. Рæзгæ фæлтæрæн æрмæст зæронд техникæ не вдисынц, дзурынц сын журналистикæйы дæйсныйады бындурты тыххæй. Æвзонг экскурсанттæн æмбарын кæнынц, текстытæ куыд равзæрынц æмæ хабæрттæ куыд цæттæгонд цæуынц, уый. Сæйраг нысан у, дæсныйадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын æмæ равдисын, уацхæссæджы куыст æрмæст блокнот æмæ фыссæнимæ баст кæй нæу, уый.

Уæлдай цымыдисаг экспозици уыд, йæ бинонты истори журналистикæимæ баст кæмæн у, уыдонæн. Кочиты Астаны фыдæл бирæ азты фæкуыста бынæттон редакцийы. Лæппуйæн музеймæ æрбацыд сси ивгъуыдмæ балцы хуызæн. Равдыстой йын, йæ хистæр куысты цавæр фæрæзтæй пайда кодта, уыдон. Ацы фæндагыл цæуын Астан нырма не сфæнд кодта, фæлæ йын бынæттон газеты истори цымыдисаг у.

Экспозици æмбырд кодтой иумæйаг хъарутæй. Редакцийы кусджытæ хастой, сæ бинонты архивтæй дзаумæттæ – рагон хуызистытæ, зæронд газеттæ. Стыр æвæрæн бахастой газеткæсджытæ дæр – музейы фондмæ æрбахастой сæ хæстæджыты-журналистты дзаумæттæ. Ам алы экспонат дæр у, æнæхъæн бинонты биографийæ сыф.

Экспозици уал ахсы æрмæст чысыл агъуыст, фæлæ йæ истори нырма ныр райдыдта. Экспонатты нымæц фылдæр кæны, рæстæгимæ фæуæрæхдæр уыдзæн фæзуат дæр. Газеты кусджытæ ма фæнд кæнынц сæмбырд кæнын, тележурналистикæимæ баст коллекци дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania