филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:47 понедельник, 02 ноября 2026
25 февраля 2026, 11:17
Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр Комдарæн

У æнувыд куывды, зæрдиаг фæсмоны æмæ хъуыдыты рæстæг

Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр Комдарæн. У æнувыд куывды, зæрдиаг фæсмоны æмæ хъуыдыты рæстæг. Къуырийы дæргъы Ирыстоны аргъуанты цæудзысты аргъуыдтытæ, кæсдзысты Андрей Критскийы Стыр фæсмоны канон. Стыр мархо ахæсдзæн Чырыстийы райгуырды онг — Куыуадзæнмæ. Ацы аз æрхауд 12 апрельмæ. Чырыстон дины 4 комдарæнæй Стыр у сæйрагдæр æмæ карздæр.  Хæрзаудæн хъуыддæгты архайын, рынчынты бабæрæг кæнын, æвзæр митыл æрфæсмон кæныны рæстæг. Комдарæны нысан у — хъуыдыты сыгъдæгдзинадыл архайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania