филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
27 февраля 2026, 10:35
Цыппар бронзæ майданы сластой цæгатирыстойнаг спортсментæ Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæй фехтованийæ

Турнир арæзт æрцыд Уфайы

Цыппар бронзæ майданы сластой цæгатирыстойнаг спортсментæ Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæй фехтованийæ. Турнир арæзт æрцыд Уфайы. Йæ архайджытæ уыдысты нæ бæстæйы тыхджындæр 200 спортсменæй фылдæр. Равдыстой иттæг хорз техникæ æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Ерыстæ куыд ацыдысты, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Æфсæйнаджы зæлланг æмæ æндоны хъыррызт, зæрдæйы гуыпп-гуыпп та риуæй клиночы цæфæй фæраздæр вæййы. Уæрæсейы чемпионаты бронзæ призертæ – Цыккаты Данæ, Баситы Элинæ, Цæллагты Евæ æмæ Махъоты Зæринæ бæлвырдæй зонынц: хæцæнгарз – спорты хуызы фæрæз, фехтовани та – хъуыдыкæнынады мадзал. Эстетикæ æмæ спортмæ уарзондзинад æвдисгæйæ, чызджытæ æппæт хъарутæй архайынц фæуæлахиз уæвыныл.
Ацы спорты хуызмæ уарзондзинад чызджыты зæрдæты сæвзæрд, чысылтæ уæвгæйæ. Фехтованийы залмæ куыддæр бакъахдзæф кодтой, афтæ бамбæрстой – зæрдæмæ хæстæг спорты хуыз кæй равзæрстой, уый. Уæлахизмæ тырнындзинад сæ хоны спорты бæрзæндтæм – алы аз дæр егъау турнирты бацахсынц призон бынæттæ. аситы Элинæ цалдæр азы фæд фæдыл рамбулы бронзæ майдан. Уый чызгæн у, стыр аргъ кæмæн ис, ахæм фæлтæрддзинад.

Уæлахизмæ фæндаг цæуы зындзинæдты сæрты. Цæллагты Евæйæн ерысты рæстæг йæ къах цæф уыд, фæлæ йæ уый нæ бахъыгдардта бронзæ майдан рамбулын. Æхуыс ын уыдысты йæ удыхъæд, тренировкæтæ æмæ хиуæтты æнувыддзинад.

Уæрæсейы чемпионат фехтованийæ ацыд Уфайы. Архайдтой дзы 200 адæймагæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй. рон спортсменкæтæ равдыстой хорз цæттæдзинад, республикæйы кад бахъахъхъæдтой æмбæлгæ уагыл.
Фехтовани – уæнгты айсты поэзи, спортсменкæтæ уыцы уацмысы ныууагътой рæсугъд фæд. Сæ майданты бронзæйы æрттывд – хи аирхæвсыны приз нæу, фæлæ æндон миддунейы æмæ уæлахизтыл æнувыддзинады хæрзиуæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania