филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
28 февраля 2026, 09:45
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыди, 2026-æм азы зынгсирвæзтыты æмæ ламидæтты ныхмæ тох кæныны мадзæлттимæ баст æмбырд

Республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд азы специалисттæ Хъарман-Сындзыхъæуы районы ныссыгъдæг кодтой Урсдоны æмæ Нартыхъæуы Фыййагдоны донвæдтæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыди, 2026-æм азы зынгсирвæзтыты æмæ ламидæтты ныхмæ тох кæныны мадзæлттимæ баст æмбырд. Республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд азы специалисттæ Хъарман-Сындзыхъæуы районы ныссыгъдæг кодтой Урсдоны æмæ Нартыхъæуы Фыййагдоны донвæдтæ. Ацы аз та фæнд кæнынц цæугæдæтты 8 км ныссыгъдæг кæнын. Уымæй уæлдай, Дзуарыхъæуы цæуынц доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ, сæ иумæйаг дæргъ 4 км. Кæронмæ фæхæццæ кæны Беслæны рдыгæй Терчы рахиз фарсы былгæрæттæ фидар кæныны куыст дæр. 2026-æм азы нысан кæнынц Бехъаны цады дамбæ сцалцæг кæнын. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фехъусын кодта, Терчы донвæды сæрты хидты бын территоритæ сыгъдæггæнæн мадзæлттæ горæты æххæстгонд æрцæудзысты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. æмбырды стыр æргом здæхт æрцыди зынгсирвæзтыты сезонмæ. Хъæды фонды бакуыстой сæрмагонд мадзæлтты комплексыл. Сбæлвырд кодтой, зынгсирвæзтытæй тынгдæр тæссаг кæм у, ахæм бынæттæм 28 маршруты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania