03 марта 2026, 11:13
Турнир «Шахматы для СВОих» арæзт æрцыд Сергей Карякины шахмæтон клубы бындурыл
Ерысгæнджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы фæзы
Интеллектуалон спорт сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Турнир «Шахматы для СВОих» арæзт æрцыд Сергей Карякины шахмæтон клубы бындурыл. Ерысгæнджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы фæзы. Турниры уыд 8 адæймаджы – раздæр шахмæттæй профессионалон æгъдауæй нæ архайдтой, фæлæ сфæнд кодтой сæ тыхтæ бавзарын. Ерысгæнджытæн саккаг кодтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Мадзалы нысан у сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн æххуыс кæнын æмæ патриотон хæзнатæ фидар кæнын. Уый у парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы ахсджиагдæр къабæзтæй иу.




