филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
05 марта 2026, 11:02
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд республикæйы фæллойы базарады фарстаты фæдыл æмбырд

Премьер министр се ппæты æргом аздæхта цæрджыты куысты бынæттæй ифтонг кæныны процесс фæахадгæдæр кæнынмæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд республикæйы фæллойы базарады фарстаты фæдыл æмбырд. Премьер министр се ппæты æргом аздæхта цæрджыты куысты бынæттæй ифтонг кæныны процесс фæахадгæдæр кæнынмæ. Уымæй уæлдай, Дзанайты Барис бафæдзæхста, куыст дæттыны мобилон центры архайд фæхъомысджындæр кæнын. Фылдæр æргом аздахын хъæуы дæрддзæф хъæутæм. Уый фадат ратдзæн, куыст чи аргуры фылдæр ахæм адæмыл аххæссынæн. Æрдзырдтой ма кадртæ цæттæ кæныны фарстайыл дæр. Хицауады сæрдар бахæс кодта, куыстдæтджытимæ æмдыхæй бакусын æмæ сбæлвырд кæнын цавæр специалисттæ хъæуы фылдæр, уый. Бæрнон цæстæй кæсын хъæуы инвалид адæмы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куысты бынæттæ дæттыны хъуыддагмæ. 2025-æм азы куыстæй сифтонг кодтой 1500 адæймаджы. Профилон ведомствæйы хъæппæрисæй фарон субсидитæ лæвæрдтой хи хъуыддаг байгом кæнынæн. 11 адæймаджы, уый, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ æххуысæн райстой фæйнæ 5 сæдæ мин сомы. Туризмы кадртыл дзургæйæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ивгъуыд азы 180 гиды ацыдысты аттестаци. Социалон контракттæ æххæстгонд æрцыдысты 100%.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania