филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
06 марта 2026, 10:34
Æппæт бæстæйы ацыд цæрджытæн хъусынгæгæнæн системæйы егъау æркаст

Баиу кодтой электрон сиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæн фæрæзтæ

Æппæт бæстæйы ацыд цæрджытæн хъусынгæгæнæн системæйы егъау æркаст. Баиу кодтой электрон сиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæн фæрæзтæ. Уырæд æрцыд телесигнал. Ахæм мадзæлттæ саразынц рæстæгæй рæстæгмæ, цæмæй сбæрæг кæной системæйы æппæт иуæгты куыстхъомдзинад, стæй службæты цæттæдзинад æнæнхъæлæджы цаутæм. Иугонд радгæсон-диспетчерон службæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Радгæсон-диспетчерон службæйы ацы уысмтæ – лæмбынæг цæттæдзинады хатдзæг. Æппæтуæрæсеон штабон тренировкæ граждайнаг хъахъхъæнынадæй саразынц афæдз 2 хатты, фæлæ хъусынгæнæн системæ æдзух у куыстхъом.  Баиу кодтой 37 электрон сиренæйы. Фæрæзтæ фидаргонд сты æнæхъæлæджы цауты рæстæг æппæт цæрджытæм кæцæй хъуысой, ахæм æхсæнадон бæстыхæйттыл, стæй егъау куыстуæтты территориты. Уыдонæй уæлдай ма хъусынгæнæн ситемæйæн ис æндæр ифтонггæрзтæ дæр. Скусын сæ кæны радгæсон-диспетчерон службæ. Уым хыгъд цæуынц системæйы куысты къуылымпыдзинæдтæ.

Хъусынгæнæн системæйы æркаст у стыр куысты гыццыл хай. Радгæсон-диспетчерон службæ ис республикæйы алы районы дæр. Йæ сæйраг хæс у адæмы курдиæттæ тагъд рæстæгмæ æххæст кæнын, стæй æнæнхъæлæджы цауты рæстæг хъуамæ цы службæтæ кусой, уыдонмæ цæст дарын. Алы бон дæр дзæуджыхъæуккаг службæмæ адæм бахæссынц 300-мæ хæстæг курдиаты. Æнæнхъæлæджы цауты рæстæг сæ нымæц схизы минмæ. Службæ кæсы цæугæддæтты доны уæлвæзадмæ дæр.

Æркаст радон хатт сбæлвырд кодта: адæм æмæ техникæ цæттæ сты цавæрфæнды æнæнхъæлæджы цаутæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania