филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
06 марта 2026, 10:34
Мæздæджы культурæйы галуаны районы хъазахъхъаг æхсæнад скодта йæ куысты хатдзæгтæ

Мадзалы архайдта Дзæуджыхъæуæй делегаци, йæ сæргъы Алайнаг республикон зылды атаман Сугъараты Руслан

Мæздæджы культурæйы галуаны районы хъазахъхъаг æхсæнад скодта йæ куысты хатдзæгтæ. Мадзалы архайдта Дзæуджыхъæуæй делегаци, йæ сæргъы Алайнаг республикон зылды атаман Сугъараты Руслан. Уыдысты Епархийы, бынæттон хицауады, Мæздæджы хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ. Ивгъуыд азы хатдзæгты тыххæй радзырдта районы атаман Алексей Кавтарадзе. Хицæн æргом аздæхта фæсивæдимæ патриотон куыстмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийæн гуманитарон æххуыс кæныны архайдмæ. Номдарады традицитæ æмæ культурæ бахъахъхъæнынимæ баст бирæ мадзæлттæ арæзт цыд районы центры æмæ хъæуты. Мæздæджы хъазахъхъæгтæ архайдтой регионы æмвæзадыл мадзæлтты дæр. Фæсивæдимæ цы куыст кæнынц, уымæ гæсгæ Уæрæсейы ахсынц раззагдæр бынæттæ. Хъазахъхъы райрæзтмæ цы æвæрæн хæссынц, уый тыххæй хæрзиуджытæ райстой Мæздæджы районы æхсæнадты минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania