филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
11 марта 2026, 10:38
2 800 нымайæн приборæй фылдæр сæвæрдта Доны куыстуат Цæгат Ирыстоны

Ууыл ныхас цыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырды

2 800 нымайæн приборæй фылдæр сæвæрдта Доны куыстуат Цæгат Ирыстоны. Ууыл ныхас цыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Дон нымайæн кусæнгæрзты иу хай сæвæрдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн æмæ фæкæсынхъуаг цæрджытæн. Ныхас ма цыд арæнты уавæрыл дæр. Уæллаг Ларсы уадзæн пункты сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 2000 уæзласæн машинæйæ фылдæр. Уыимæ республикæйы хæхты дарддæр ис, зæйтæ рацæуынæй тæссаг уавæр. Хицæн æргом аздæхтой сезонмæ гæсгæ низтæм. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй карантины сæхгæдтой 4 рæвдауæндоны, уымæн æмæ рынчынты нымæц схæццæ 12%. Скъолаты та – 10%. Чемпионат «Мастерята»-йæн райдыдта æвзарæн къæпхæн 14 компетенцимæ гæсгæ. Сергей Меняйло бабар кодта къабæзтæ фæуæрæхдæр кæнын, стæй ма сæм профилон студентты ргом здахын. æнæнздзинадхъæхъхъæнынады министрадæн та бабар кодта хъæуты фельдшерон-акушерон пунктты ифтонгдзинад сбæрæг кæнын. Ног къуырийæ фæстæмæ муниципалитетты разамонджытæ аппаратон æмбырдты хъусын кæндзысты сæ риссагдæр фарстаты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania