филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
11 марта 2026, 10:39
Ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты профессионалон дæсныдзинад уæлдæр кæныны гæнæнтæ

Ахæм уыд, Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы цы семинар уыд, уый сæйраг темæ

Ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты профессионалон дæсныдзинад уæлдæр кæныны гæнæнтæ. Ахæм уыд, Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы цы семинар уыд, уый сæйраг темæ. Программæйы: презентаци, гом урок æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыр. Фембæлды архайдтой горæты скъолаты ахуыргæнджытæ. Равдыстой сæ зонындзинæдтæ практикæйыл æмæ се мкусджытæн радзырдтой, цы методикæтæм гæсгæ архайынц, уыдоны тыххæй. Фæлтæрддзинад фылдæр кæныны фæдыл семинартæ арæзт фæцæуынц æппындзух горæты алы скъолаты. Аххæссынц æппæт предметты педагогтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania