филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
11 марта 2026, 10:40
Мæздæджы арæзт æрцыдысты республикон ерыстæ аивадон гимнастикæйæ

Турнир «Надеждæ»-йы архайынмæ спортсменкæтæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды 12 горæтæй

Мæздæджы арæзт æрцыдысты республикон ерыстæ аивадон гимнастикæйæ. Турнир «Надеждæ»-йы архайынмæ спортсменкæтæ æрбацыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды 12 горæтæй. Ерыстæ байгом кодтой æфсæддон хайы оркестр æмæ адæмон кафты ансамбль «Выше гор». Республикæйы спорты министрады минæвæрттæ æмæ Хицауады уæнгтæ раарфæ кодтой æвзонг гимнасткæтæн, æмæ сын сæ зæрдæ загъта спорты бæрзæндтæм схизын. Ерысты архайдтой 300 адæймагæй фылдæр. Республикон турниры рæстæг ма гимнасткæтæ бахъахъхъæдтой спорты мастертæм кандидаты ном, систы иугонд командæйы уæнгтæ. Фæстæдæр райдыдтой регионты хсæн ерыстæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой алы кары категорийы. Хæрзиуджытæ сын радтой кадджын уазджытæ. Се хсæн – æфсæддон службæйы ветерантæ, Мæздæджы районы ветеранты Советы уæнгтæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania