Уый у æххуысы ног мадзал, æмæ æххæстгонд цæуы Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй
Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæттæ фыццаг хатт райстой республикæйы Сæргълæууæджы гранттæ. Уый у æххуысы ног мадзал, æмæ æххæстгонд цæуы Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Кадджын мадзал арæзт æрцыд 107-æм рæвдауæндоны. Уый у конкурсы уæлахиздзаутæй иу. Æдæппæтæй сты 40. Нымад цыдысты ахуыргæнæндоны куысты ахадындзинад æмæ скъолайы агъоммæйы хъомылады рæзтмæ æвæрæн. Сергей Меняйло раарфæ кодта уæлахиздзаутæн æмæ загъта, ацы къабазмæ стыр æргом здæхт кæй цæуы, уый. Гранты æххуысы иумæйаг фонд у 20 милуан сомы. Республикæйы Сæргълæууæг загъта, фидæны фæрæзты бæрц фылдæргæнæг кæй цæудзæн. Уыимæ ивдзæн уæлахиздзауты æвзарæн куыст дæр. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ фæрæзты 90% ацæудзысты педагогтæн фиддонтæн.




