филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:10 воскресенье, 15 марта 2026
14 марта 2026, 10:21
300 милуан сомы онг сайд фесты республикæйы цæрджытæ 2025-æм азы киберцæстфæлдахджытæн æхца кæй арвыстой, уый тыххæй

Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады киберфыдракæндтимæ тох кæныны управленийы хицауы хæдивæг Бæдуаты Тельман

300 милуан сомы онг сайд фесты республикæйы цæрджытæ 2025-æм азы киберцæстфæлдахджытæн æхца кæй арвыстой, уый тыххæй. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады киберфыдракæндтимæ тох кæныны управленийы хицауы хæдивæг Бæдуаты Тельман. Журналисттимæ фембæлды архайдта Уæрæсейы банчы цæгатрыстойнаг хайады разамонæг Дзиуаты Иринæ дæр. Ивгъуыд аз ацы къабазы нысангонд æрцыд 3 мин фыдракæнды онг. Уый 2024-æм азимæ абаргæйæ у 25 проценты къаддæр. Бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр сты бæстон профилактикон куыст арæзт кæй цæуы, уый руаджы. Раргом кæнын бантыст 758 фыдракæнды. Брифингы архайджытæ бæлвырд радзырдтой, цæстфæлдахджытæ цавæр схемæтæй пайда кæнынц, æмæ хи бахъахъхъæнынæн цавæр гæнæнтæ ис, уый тыххæй.   Зæгъæм, ацы къабазы сарæх сты дроппертæ. Уыдон сты сæ банчы хыгъдтæ æмæ картæтæ фыдракæнджытæн чи ауæй кæны, ахæм адæм.  Цæстфæлдахджытæ сæ фæрцы æххæст кæнынц æнæзакъон митæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania