18 марта 2026, 10:36
Дзæуджыхъæуы цæуынц конкурсон æркæстытæ, сывæллæтты 21-æм музыкалон фестиваль «Белый Пароход»-ы архайынмæ
Æвзарæн къæпхæны архайынц 100 курдиатджын адæймаджы
Дзæуджыхъæуы цæуынц конкурсон æркæстытæ, сывæллæтты 21-æм музыкалон фестиваль «Белый Пароход»-ы архайынмæ. Æвзарæн къæпхæны архайынц 100 курдиатджын адæймаджы. Конкурсанттæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты нæ бæстæйы æндæр регионтæй. Сты, 7 азæй 17 азы онг сывæллæттæ. æвзонг зарæггæнджытæ æвдисынц академион вокалы стыр фæлтæрддзинад æмæ цæттæдзинад. «Белый Пароход» – у æппæтæй егъаудæр социалон проекттæй иу. 2024-æм азы сси Уæрæсейы Президенты Паддзахадон премийы лауреат. Уыимæ æххуыс кæны, уæззау царды уавæрты чи бахауд, ахæм сывæллæттæн. Гергиты Валерийы, Стыр æмæ Мариинаг театрты æххуысæй, сывæллæтты музыкалон фестиваль ацæудзæн Мæскуыйы облæсты 2-æм августæй 8-æм сентябры онг.




