21 марта 2026, 10:19
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу Ураза-байрам
Афтæмæй фæци карз комдарæны мæй Рамадан
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу Ураза-байрам. Афтæмæй фæци карз комдарæны мæй Рамадан. Уырнæг адæмæн боныгон нæ уыди хæрæн, нуазæн æмæ ирхæфсæн мадзæлтты архайын. Знон тæккæ райсомæй республикæйы сæдæгай цæрджытæ сунниттаг мæзджыты æрæмбырд сты иумæйаг скуывдмæ æмæ бæрæгбоны ламаз скæнынмæ. Æртæ боны дæргъы адæм кæрæдзийæн кæнынц арфæтæ, цæуынц уазæгуаты æмæ кæнынц хæрзадуæн хъуыддæгтæ.




